21 октября 2019, 12:05
Цæгат Кавказы суворовон æфсæддон училищайы ахуырдзаутæ бахордтой ард
Ацы хатт 34 фыццагкурсоны дзырд радтой хорз ахуыр кæнынæй æмæ сæхи дзæбæх дарынæй.
Цæгат Кавказы суворовон æфсæддон училищайы ахуырдзаутæ бахордтой ард.
Ацы хатт 34 фыццагкурсоны дзырд радтой хорз ахуыр кæнынæй æмæ сæхи дзæбæх дарынæй. Суворовонтæн радтой сæ фыццаг пъагæттæ æмæ æвдисæндартæ. Кадджын мадзал арæзт æрцыд Намысы Аллейæйы. Архайдтой дзы 58-æфсады минæвæрттæ, ветерантæ, курсанты ныййарджытæ æмæ горæты цæрджытæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм – фыццаг хатт суворовонтæ кадджын уавæры ард бахордтой Мæскуыйы 1944 азы.




