филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:11 воскресенье, 01 февраля 2026
21 октября 2019, 12:15
Ацы бонты бæрæг кæнынц нæ зындгонд æмзæххон, профессор Берозты Темырболаты райгуырды 95 азы бон

Уый æппæтæй тынгдæр тырныдта адæмæн исты хæрзты бацæуынмæ.

Ацы бонты бæрæг кæнынц нæ зындгонд æмзæххон, стыр ахуыргонд, Уæрæсейы наукæты академик, медицинон наукæты доктор, профессор Берозты Темырболаты райгуырды 95 азы бон.

Уый æппæтæй тынгдæр тырныдта адæмæн исты хæрзты бацæуынмæ. Цы наукон æмæ иртасæн куыст кодта, цы ногдзинæдтæ æрхъуды кодта, уыдон иууылдæр сты адæмы пайдайæн æмæ бæстæйы райрæзтæн.

Уыд Мæскуыйы, Лумумбæйы номыл университеты биохимийы кафедрæ чи байгом кодта, уыдонæй иу. Медицинон университеты студенттæн æмæ дохтыртæн биохимийы æмæ ма ноджы 10 ахуыргæнæн чингуыты автор. Йæ иртасæн куыстытæ тæлмацгонд сты дунейы бирæ æвзæгтæм. Уыдонмæ гæсгæ кусынц дунейы хуыздæр дохтыртæ. Пироговы премийы æмæ сызгъæрин майданы, Гулевичы номыл премиты лауреат, наукæты дунеон академийы академик æмæ ма бирæ хæрзиуджыты хицау Берозты Темырболат ныууагъта бирæ наукон бынтæ. Йæ ном æнустæм цæргæйæ баззайдзæн Ирыстоны, Уæрæсейы æмæ æппæт ахуыргонд адæмы зæрдæты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania