филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:20 суббота, 28 сентября 2024
22 октября 2019, 14:21
УФ-йы наукæты сгуыхт архайæг, барады историйы специалист Мулукаты Роландыл сæххæст 90 азы

Роланд у фыццаг ирон – юридикон наукæты кандидат, уый фæстæ та сси фыццаг накæты доктор.

Ирыстоны кад бирæ æзты адæмы размæ чи хæссы, уыдонæй иу у юридикон наукæты доктор, Советон Цæдисы мидхъуыддæгты министрады сгуыхт кусæг, ведомствæйы разамынды академийы сгуыхт профессор, Уæрæсейы Федерацийы наукæты сгуыхт архайæг, бæстæйы паддзахад  æмæ барады историйы  специалист Мулукаты Сергейы фырт Роланд. Абон ыл  æххæст кæны 90 азы. Иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци Дзæуджыхъæуы 5-æм скъола æмæ бацыд Мæскуыйы юридикон институтмæ. Роланд у фыццаг ирон – юридикон наукæты кандидат, уый фæстæ та сси фыццаг накæты доктор. Йæ диссертаци «Организационно-правовые проблемы становления советской милиции (1917-1920 гг.)» тæлмацгонд æрцыд 30 фæсарæйнаг æвзагмæ. Мулукаты Роланд йæ царды фылдæр хай балæвар кодта педагогон куыстæн. Æнусы рдæгæй фылдæр кусы Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады разамынды академийы. Ныффыста 200 наукон куыстæй фылдæр. У бæстæйы истори æмæ барады ахуыргæнæн чингуыты автор. Роланд кæд Мæскуыйы цæры, уæддæр зæрдæйæ ис Ирыстонимæ. Уыимæ ма стыр æвæрн бахаста  республикæйы юридикон уæлдæр ахуырады системæ саразыныл. Абон Мулукаты Роландæн, йæ 90 азы боны фæдыл, арфæтæ кæндзысты, йæ  зонындзинæдтæ бирæ азты дæргъы кæмæн лæвар кæны, уыдон, хиуæттæ æмæ йæ абоны æмкусджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania