Бæстон æркасти Мæздæджы районы социалон объектты арæзтадмæ. Фыццаг пункт – Луковскæйы станицæ.
Абон нæ республикæмæ кусæг балцы ссыд Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Александр Матовников. Бæстон æркасти Мæздæджы районы социалон объектты арæзтадмæ. Фыццаг пункт – Луковскæйы станицæ. Ам аразынц 150 бынатæн сывæллæтты рæвдауæндон. Объект раттынмæ хъавынц ацы азы кæрон. Арæзтад цæуы федералон æмæ республикон бюджеттæй.
Æмтгæй райсгæйæ, стыр æргом аздæхта Мæздæджы уавæрмæ. Æркасти районы рынчындонмæ. Бæстыхайы бынат ис 850 рынчынæн. Сæйраг дохтыр президенты æххæстбарджын минæварæн равдыста æмæ радзырдта ног реабилитацион хайады тыххæй. Бæрнон кусæг федта медицинон кусæнгæрзтæ дæр. Бафарста, рынчындоны медицинон персонал фаг кæны, æви нæ, уый. Александр Матовниковæн ма радзырдтой ног азмæ нысанты тыххæй. Зæгъæм, национ проект æххæст кæнгæйæ, сцалцæг кæнынмæ хъавынц тугдадзинты хайад. Байхъуыста ма санавиацийы куысты тыххæй. Æххæстбарджын минæвар ма æркасти Мæздæджы территорийы аивдзинадмæ дæр. Аргъ скодта Дубининты æфсымæрты номыл цалцæггонд скверæн. Территоримæ базылдысты «Горæты æнцонвадат архайд»-ы программæмæ гæсгæ. Уæвгæ та программæ æххæстгонд цæуы 4 къæпхæнæй. Куыстытæм бавнæлдтой 2017-æм азы. Ныртæккæ цæуы 3-аг къæпхæн. Скверы фæзынд сывæллæтты ирхæфсæн фæз, бандæттæ, ног къахвæндаг. Александр Матовников баззад разыйæ. Фæстæдæр та йæ разамындæй арæзт æрцыд кусæг æмбырд, районы социалон-экономикон райрæзты фарстаты фæдыл.




