филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:18 суббота, 28 сентября 2024
23 октября 2019, 12:31
Дзуарыхъæуы Гæздæнты æфсымæрты цыртдзæвæны цур арæзт æрцыди поэзийы бæрæгбон «Урс хърихъуппыты бон»

Бæрæгбоны архайджытæ бакастысты Расул Гамзатовы æмдзæвгæтæ уырыссаг, авайраг æмæ æндæр æвзæгтыл

Дзуарыхъæуы Гæздæнты æфсымæрты цыртдзæвæны цур арæзт æрцыди поэзийы бæрæгбон «Урс хърихъуппыты бон». Хъæуы æхсæнад, районы разамынды минæвæрттæ, Дзæуджыхъæуæй æмæ республикæйы алы районтæй уазджытæ æрымысыдысты, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фамарди, уыцы æдзард æфсæддонты рухс ном. Бæрæгбоны архайджытæ бакастысты Расул Гамзатовы æмдзæвгæтæ уырыссаг, авайраг æмæ æндæр æвзæгтыл. Мадзал аразджыты хъуыдымæ гæсгæ, литературон бæрæгбон æххуыс у Уæрæсейы биранацион адæмты æнгом ахастдзинæдтæн,  æмæ культурон традицитæ фидар кæнынæн. Куыд рауад патриотон бæрæгбон ацы хатт, уый тыххæй радзурзæн Фидараты Маринæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты дзуарыхъæуккаг Гæздæнты 7 æфсымæры атырныдтой сæ райгуырæн зæхх хъахъхъæнынмæ. Куыд зонæм, афтæмæй се ппæт дæр æнустæм баззадысты тохы быдыры. Фæстаг æфсымæры тыххæй сау фыстæг куы ссыди, уæд æй постхæссæг сæ хæдзармæ хæссын нал куымдта. Уæд хъæуы хистæртæ сæхæдæг бацыдысты Гæздæнты хæдзармæ. Салдæтты фыд сæ куы федта, уæд йæ зæрдæ йæ куыстæй ныллæууыд.

1963-æм азы Дзуарыхъæуы сæвæрдтой зæрдæмæхъаргæ обелиск – хъыггæнæг мад æмæ йæ авд фырты – уæларвмæ тырнæг 7 хърихъхъуппы хуызы. Цыртдзæвæн фенынмæ уыд нæ республикæмæ уазæгуаты æрбацыд дагестайнаг поэт Расул Гамзатов. Йæ зæрдæм афтæ тынг фæцыд, æмæ ныффыста йæ зындгонд æмдзæвгæ авайраг æвзагыл.

Æмдзæвгæйыл йæ цæст æрхæцыд хъуыстгонд зарæггæнæг Марк Бернесæн, æмæ курдиатимæ бацыд композитор Ян Френкельмæ, цæмæй йын ацы рæнхъытæн музыкæ ныффысса, уый тыххæй.

Литературон фестиваль «Урс хърихъхъуппытæ» 20 азы размæ расидт Расул Гамзатов йæхæдæг. Афтæмæй ссардта, йæ цард чи нæ бавгъау кодта, æмæ Фыдыбæстæ чи бахъахъхъæдта, уыцы æдзард салдæтты рухс нæмттæ.

«Урс хърихъхъуппыты» бон та радон хатт айхъуыстысты Гамзатовы æнæмæлгæ уацмыстæ. Мадзалы архайджытæ та, æрвылазон æгъдаумæ æмæ сæ зæрдæты фæндонмæ гæсгæ, цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania