Иууылдæр афæдзы размæ архайдтой завод «Электроцинчы» зынгсирвæзт хуыссын кæныны
Хъæбатыртæн майдантæ. Битарты Вячеслав паддзахадон хæрзиуджытæ радта æнæнхъæлæджы цауты министрады хуыздæр кусджытæн. Иууылдæр афæдзы размæ архайдтой завод «Электроцинчы» зынгсирвæзт хуыссын кæныны. УФ-йы Президент Владимир Путины указмæ гæсгæ, 8 зынгхуыссынгæнæгæн радтой «Лæгдзинады» майдантæ. Ахæм хæрзиуæг йæ амæлæты фæстæ саккаг кодтой Александр Ермаковæн дæр. Уый фæмарди зынгхуыссынгæнгæйæ. Йæ хæрзиуæг ын радтой йæ бинойнагæн. Республикæйы Сæргълæууæг бузныг загъта се ппæтæн дæр, стыр ныфсхаст æмæ хъæбатырдзинад кæй равдыстой, уый тыххæй. Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ амæй размæ дæр уыдысты хорзæхгонд. Фæлæ дзы Паддзахадон æмвæзады хæрзиуджытæ бирæтæ райстой фыццаг хатт.




