Йæ балцы нысан у, национ хæринæгтимæ цы ног программæ аразы, уымæн видео- æрмæг сисын
Канал «Моя планета»-йы зындгонд уæрæсейаг телеамонæг, къамисæг æмæ бæлццон Марк Подрабинек радон хатт бабæрæг кодта нæ республикæ. Йæ балцы нысан у, национ хæринæгтимæ цы ног программæ аразы, уымæн видео- æрмæг сисын. Программæйы серитæй иу баст уыдзæни Цæгат Ирыстонимæ. Авторы ныхæстæм гæсгæ дзы равдисдзæн цалдæр рестораны. Фæлæ кæцытæ, уый нырма нæ раргом кодта. Уымæй уæлдай, программæйы æвдыст æрцæудзысты нæ республикæйы рæсугъддæр бынæттæ. Куы йæ бафарстой, сæрмагондæй Цæгат Ирыстон цæмæ равзæрстай, зæгъгæ, уæд æнæдызæрдыгæй загъта, «Ирыстон у дунейы ма уарзондæр бынæттæй иу». Республикæйы тыххæй æрмæг цæттæ уыдзæни мæй æмæ æрдæджы фæстæ. Кулинарон шоу «Есть в России»-йы фæлгæты йæ амонæг уыди Дæллаг Новгороды, Владивостокы, æмæ Хабаровскы. Ныр та йæ бафæндыд Ирыстоны сисын æрмæг. Марк Подрабинекы сæйраг хæс у, цæмæй телеуынынадмæ кæсæг, хæринаджы уылты базона хицæн горæты æмæ дзы цы адæм цæры, уыдоны тыххæй фылдæр информаци. Ардыгæй та ацæудзæн Калининградмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй уыцы горæт нымад у Уæрæсейы гастрономон центрыл. Иу ныхасæй дзы ис, цы сисай уый. Зæгъын хъæуы, уый æмæ телеамонæг нæ республикæйы цалдæр азы дæргъы æвдыста дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, æмæ хуызистытæ кодта Ирыстоны кæмтты.




