филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:02 воскресенье, 01 февраля 2026
24 октября 2019, 17:05
Фыййагдоны æмæ Уыналы донмарæнтæ дарддæр цæуынц хæлд

Садоны зды æмæ цинчы куыстутаты зианхæссæг хауæццæгтæ бирæ азты цыдысты æмбырдгонд, ныр уæлцъар æмбæрзт уыдзæн мæрæй.

Фыййагдоны æмæ Уыналы донмарæнтæ дарддæр цæуынц хæлд. Садоны зды æмæ цинчы куыстутаты зианхæссæг хауæццæгтæ бирæ азты цыдысты æмбырдгонд, ныр уæлцъар æмбæрзт уыдзæн мæрæй. Фæстæдæр та дзы сырæздзæн фæлладуадзæн парк. Куыд цæуынц куыстытæ, уый федта не сфæлдыстадон къорд дæр, æмæ ныхасы бар Гуытиаты Алинæйæн.

Цæгат Ирыстоны даррдæр кусынц Уыналы æмæ Фыййагдоны донмарæнтæ фесафыныл. Уым æмбырд кодтой Садоны цинчы комбинаты, стæй Мызуры æмæ Фыййагдоны фабрикты хауæццæгтæ. Æмæ кæд куыстуæттæ къорд азы размæ æрлæууыдысты, уæддæр сæ бырæттæ ныр дæр ма уым сты.

Æрмæст Уыналы донмарæны ис цыппар милуан тонны зианхæссæг хъацæнтæ. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, ам ис Менделеевы химион элементты системæ æнæхъæнæй.

Метталлургон куыстуаты хауæццæгты рекультиваци аразынц национ проект «Экологи» æххæст кæнгæйæ. Радих ын кодтой цыппарсæдæ фæндзай милуан сомæй фылдæр.

Экологты хъуыдымæ гæсгæ, æрмæст рекультивацийыл хъуыддаг нæ ахицæн уыдзæнис. Тыхсынц æмæ нымайынц, донмарæны æмбæрзт доны тых бауромдзæн æви нæ, уый.

Куыртатты комы цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кæсынц ивддзинæдтæм. Сæ зæрдæ дарынц, сæ дарæг зæхх зиан хъацæнтæй кæй ссыгъдæг уыдзæнис æмæ та Уыналы дыргъдæтты кæй æрбынат кæндзысты, æнæхъæн Уæрæсе кæмæ тæххуды кодта, уыцы кæрдотæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania