31 октября 2019, 13:51
Ирыстойнаг спортсментæ райстой фондз сызгъæрин майданы дунейы ерысты армхæстæй
Фыццаг бынæттæй уæлдай ма, нæ республикæйы æрмæйхæцджытæ райстой дыууæ æвзист æмæ иу бронзæ майданы
Ирыстойнаг спортсментæ райстой фондз сызгъæрин майданы дунейы ерысты армхæстæй. Сæ уæзты, уæлахиздзаутæ алы категориты систы -Джиоты Родион, Дзуццаты Елизаветæ, Золойты Алан, Хортиты Оксанæ æмæ Гуызытаты Дианæ. Уæрæсейы иугонд командæйы Ирыстонæй архайы 30 спортсмены. Фыццаг бынæттæй уæлдай ма, нæ республикæйы æрмæйхæцджытæ райстой дыууæ æвзист æмæ иу бронзæ майданы. Касаты Тамерлан æмæ Захар Бахаев систы дыккæгтæ, æртыккг бынат та бацахста Фæрниаты Егор.
темæмæ гæсгæ




