филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:56 вторник, 16 декабря 2025
01 ноября 2019, 15:31
Ирыстонмæ ссыдысты не спортсментæ дунеон ерыстæй хъæбысхæстæй

Турнир арæзт æрцыд Венгрийы

Ирыстонмæ ссыдысты не спортсментæ дунеон ерыстæй хъæбысхæстæй. Турнир арæзт æрцыд Венгрийы. Уæрæсейы иугонд командæйы хыгъды архайдтой нæ республикæйы 4 минæвары. Уыдон рамбылдтой 3 æвзисты æмæ 1 бронзæ майдан. Цæкулаты Батырбег, Голоты Виталий, Уалыты Чермен æмæ Радик сæ хъарутæ бавзæрстой Кубæйы, Казахстаны, Ираны, Азербайджаны, Японийы æмæ Гуырдзыйы богæлттимæ. Лæппутæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй, радон ерыстæм сæхи цæттæ кæндзысты ноджы тынгдæр, цæмæй иннæ хатт хуыздæр бæрæггæнæнтæ равдисой, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania