филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:22 суббота, 28 сентября 2024
05 ноября 2019, 12:20
Мызуры скъола сбæрæг кодта йæ сæдæ азы юбилей

Уым ныртæккæ ахуыр кæны дыууæсæдæ сывæллонæй фылдæр

Мызуры скъола сбæрæг кодта йæ сæдæ азы юбилей. Уым ныртæккæ ахуыр кæны дыууæсæдæ сывæллонæй фылдæр. Уыдон канд мызуйрæгтæ не сты, фæлæ хæстæг хъæуты цæрджытæ дæр. Скъолайы сæдæ азы кадæн мадзæлтты архайдтой хицауады уæнгтæ, сæ сæргъы республикæйы разамонæг Битарты Вячеслав, афтæмæй. Уазджытæн равдыстой Хъахъхъæнынады министрады Семипалатинскы наукон-иртасæн паддзахадон полигоны сæргълæууæг, инæлар майор Хъантеты Мураты номыл музейы экспонаттæ. Хъантейы-фырт уыдис мызуры скъолайы рауагъдон. Абон ахуыргæнæндон хæссы йæ ном. Битарты Вячеслав федта нырыккон техникæйы фæрæзтæй ифтонггонд нымæцон æмæ гуманитарон профилты центр «Точка роста». Фæстæдæр уазджытæн равдыстой бæрæгбоны концерт.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania