филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:21 суббота, 28 сентября 2024
06 ноября 2019, 12:07
Ведомствоты хсæн къамисы радон æмбырды æрныхас кодтой сывæллæтты дзæбæхгæнæн кампани куыд æххæстгонд цæуы, ууыл

Æмбырд амыдта хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ

Ведомствоты хсæн къамисы радон æмбырды æрныхас кодтой сывæллæтты дзæбæхгæнæн кампани куыд æххæстгонд цæуы, ууыл. Æмбырд амыдта хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ. Архайдтой дзы бæрнон министрадты æмæ ведомствоты минæвæрттæ. Фæллойы æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Маматы Анджелæ куыд радзырдта, афтæмæй фæззыгон каникулты рæстæг сæ фæллад алы хуызты суагътой 6200 сывæллоны. Уыдысты скъолаты лагерьты. Сæ фæлтæр райдыдта 26-æм октябры æмæ фæци 2-æм ноябры. Реабилитацион центр «Хæххон уæлдæф»-ы баулæфыдысты 30 лæппу æмæ чызджы, социалон реабилитацийы республикон центр «Хæлар зæрдæ»-йы та уыд 5 сывæллоны. Алагиры сывæллæтты центр суазæг кодта 20 адæймаджы, 50 та ма авиæдты Лицейы. Уымæй дарддæр фæззыгон дзæбæхгæнæн кампанийы архайдтой реабилитацион центр æмæ санаторий «Тæмискъ» дæр. Ведомтсовты хсæн къамисы уæнгтæ куыд загътой, афтæмæй дзæбæхгæнæн кампанийæн аргъ скæнын у тынг ахсджиаг. Уымæн æмæ йын хатдзæгтæ скæнгæйæ, сæвæрдтой фидæнмæ нысантæ. Цæмæй сæрдыгон рæстæг æмбæлгæ уагыл ацæуа, уый тыххæй. Хъæуы æппæт цæттæгæнæн мадзæлттæм бæстон кæсын, хæдзарадон субъекттимæ æнгом æмгуыстад кæнын – загъта вице-премьер. 1-æгæм мартъийы онг хъæуы æппæт æмбæлгæ гæххæттытыл бакусын, æнахъом сывæллæттæн хæрзхъæд лæггæдтæ кæныны тыххæй. 1-æм июньмæ та хъуамæ кæронмæ фæуой æппæт мадзæлттæ, цæмæй объекттæ æххæстæй дæр цæттæ уой фæлладуадзæн рæстæгмæ. Уыцы мгъуыдмæ ма фæуыдзысты ахуыргæнæн семинартæ фæлладуадзæн объектты кусджытæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania