филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:18 суббота, 28 сентября 2024
07 ноября 2019, 12:41
Хи хæдзары æдасдзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсæн нæй

Уыцы хъуыдыйыл хæст сты газдæттæн куыстуаты специалисттæ

Хи хæдзары æдасдзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсæн нæй. Уыцы хъуыдыйыл хæст сты газдæттæн куыстуаты специалисттæ. Уымæ гæсгæ хъармæгæнæн сезоны райдианы фæаразынц рейдтæ хи хæдзæрттыл. Дохтыртæ та адæмы зæрдыл лæууын кæнынц, æвзалытуаг газ зын равзарæн у. Уымæ гæсгæ хъæуы уæлдай къæрцъхъус уæвын. Кæд истæуыл фæдызæрдыг стут, уæд æвæстиатæй хъæуы дохтыры æххуыс бацагурын. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Газ уæгъд цыд куы фæкæны, уæд уый тынг тæссаг у, зæгъынц газы службæйы специалисттæ. Суанг ма стыр бæллæхмæ дæр расайы. Уымæ гæсгæ профилактикон мадзæлттæ æмæ кусæнгæрзтæм æркастытæ хъæуы рæстæгæй-рæстæгмæ аразын. Æрмæст афтæмæй ис хи фыдбылызæй бахъахъхъæнын. 

Светланæ куыд зæгъы, афтæмæй специалисттыл кæддæриддæр бацин кæны, æмæ сæ йæ хæдзармæ æрбауадзы. Сæйрагдæр у æдасдзинад, зæгъы сылгоймаг. Уæлдайдæр та ма уый тыххæй, æмæ æрæджы сæ сыхæгтæ фесты сыгъдхъæстæ. Сæ хæдзары æдасдзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй кастысты, уымæ гæсгæ. Хуыцау хорз, æмæ дзы стыр зиантæ не рцыд, фыццаг æмбæлгæ æххуыс афоныл кæй скодтой, уымæ гæсгæ.

Хи хæдзæртты уæлдай тæссагдæр у. Ам арæхдæр газы агтæ æмæ хи хъармгæнæнтæ сæвæрынц. Фарста та сæвзæрын кæны уый, æмæ арæх адæм газы службæйы кусджыты сæ цæрæнуæттæм нæ бауадзынц. Уый нæ хынцгæйæ, Кировы районы 6 мин хи хæдзарæй уал æркастысты сæ фылдæр хаймæ. Уый зымæджы агъоммæ у æнæмæнг хъæугæ домæн. 

Дохтыртæ та адæмы зæрдыл лæууын кæнынц, æвзалытуаг газ зын равзарæн у, уымæн æмæ йын нæй тæф æмæ хуыз. Уымæ гæсгæ хъæуы уæлдай къæрцъхъус уæвын. Кæд истæуыл фæдызæрдыг стут, уæд æвæстиатæй хъæуы дохтыры æххуыс бацагурын. Бæрнон куыстуæтты минæвæрттæ адæмы фæдзæхсынц – газы кусæнгæрзтæ ивын, кæнæ цалцæг кæнын хъæуы специалистты бæстон цæстдардмæ. Цæмæй ацы хъуыддагæн зианхæссæг фæстиуджытæ ма уа, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania