Ивддзинæдтæ баст сты, социалон æгъдауæй ахсджиаг фиддонтимæ
Республикæйы бюджеты тыххæй закъонмæ 2019-æм-20-æм æмæ 21-æм азтæн ивддзинæдтæ бахæссыныл ныхас кодтой абон парламенты советы æмбырды. Ивддзинæдтæ баст сты, социалон æгъдауæй ахсджиаг фиддонтимæ. Бæлвырддæр та уыцы хъуыддагæн хъæуы уæлæмхасæн 155 милуан сомы самал кæнын. Уыдонæй фæнд кæнынц фæндæгтæм базилын, медицинон фæдзæхстадон фиддонтæ бакæнын, социалон къабазæн, чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинадæн баххуыс кæнын. Уымæй дарддæр уæлæмхасæн фæрæзтæ райсдзысты министрадтæ, æмæ сæ бæрны чи ис, уыцы куыстуæттæ. Æмбырды ма æрдзырдтой, социалон политикæимæ баст чи у, ахæм цалдæр закъоны проектыл. Сæ иу арæзт у, æнæ ныййарджыты æххуысæй чи баззад, ахæм сывæллæттæн æххуысимæ. Фатермæ рады лæууыны бæсты, сæ бон уыдзæн йæ ныхмæ æхца райсын. Æмæ сæ схардз кæнын цæрæнуат балхыныл. Иннæ социалон закъоны проектмæ гæсгæ та сæ пенситæ фæфылдæр кæндзысты, хостыл се фтиагæй 10 процентæй фылдæр чи хардз кæны, ахæм адæмæн. Депутаттæ ма æрныхас кодтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады фарстатыл дæр. Иу закъонмæ гæсгæ фæкарздæр кæндзысты æдасдзинады мадзæлттæ, газы кусæнгæрзтæй пайда кæнгæйæ. Закъонмæ гæсгæ бирæфатерон хæдзæртты æнæмæнг хъæудзæн газуадзæн датчиктæ æвæрын. Ацы куыстæн дзуапп чи дæтдзæн, цæрджытæ æви коммуналон службæтæ, уый сбæрæг кæндзысты радон æмбырдты.




