филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:13 суббота, 28 сентября 2024
18 ноября 2019, 12:18
Ирыстоны райдыдта национ бæрæгбон Джеоргуыба

Бæрæгбоны агъоммæ Ирыстоны цæрджытæн раарфæ кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

Ирыстоны райдыдта национ бæрæгбон Джеоргуыба. Бæрæг æй кæнынц нæ республикæйы алы адæмы хæттытæ дæр. Къуырийы дæргъы æппæт хæдзæртты араздзысты бæрæгбоны фынгтæ – æртæ чъирийы, 3 фæрсджы. Бæгæныйы къусæй  дзы ссардзысты лæгты дзуары ном, ракурдзысты  дунейы сабырдзинад æмæ хоры бæркад. Традицимæ гæсгæ Джеоргуыбайы бæрæгбон вæййы ноябры фæстаг къури, адæм зæххы куыст куы фæвæййынц уæд. Æмæ райдайы галæргæвдæнæй. Абон та нæ республикæйы парламенты уынаффæмæ гæсгæ нымад у фæлладуадзæн боныл. Бæрæгбоны агъоммæ Ирыстоны цæрджытæн раарфæ кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania