филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:08 воскресенье, 01 февраля 2026
18 ноября 2019, 12:23
Парламенты арæзт уыдысты æргом байхъуыстытæ фидæны 3 азы бюджеты фæдыл

Йæ архайджытæ, сæйраг финансон документыл кусгæйæ, сбæрæг кодтой фиппаинæгтæ æмæ загътой сæ хъуыдытæ фылдæр æргом цы статьятæм хъæуы аздахын, уый тыххæй

Парламенты арæзт уыдысты æргом байхъуыстытæ фидæны 3 азы бюджеты фæдыл. Йæ архайджытæ, сæйраг финансон документыл кусгæйæ, сбæрæг кодтой фиппаинæгтæ æмæ загътой  сæ хъуыдытæ фылдæр æргом цы статьятæм хъæуы аздахын, уый тыххæй. 2020-æм азы иумæйаг æфтиаг хъуамæ уа 31 миллиард соммæ хæстæг. Уыдонæй федералон фæрзтæй сæрмагонд хыгъдмæ «Æнæраздахгæ æфтиагтæ» зæгъгæ, бахæсдзысты  18 миллиарды. Хæрдзтæ та уыдзысты 30 миллиарды 500 милуан сомы. Профицит уыдзæн 354 милуаны. 2021-æм азы та æфтиæгты бæрц уыдзæн 28 миллиардæй фылдæр. Депутатт ма æрдзырдтой,фидæны аз æхца цавæр куыстыл схардз кæнын хъæуы, ууыл дæр.  Фылдæр æргом здæхт уыдзæн фæндæгты æмæ фельдшерон-аушерон пункты цалцæгмæ. Парламенты ма ныхас цыд адæмы æнæзакъон фæллойы тыххæй дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania