18 ноября 2019, 17:42
Республикæйы шахмæтты Федераци æмæ сывæллæтты технопарк «Кванториум» бафыстой æмгуыстады бадзырд
Йæ фæлгæты дыууæтæ дæр бацархайдзысты Цæгат Ирыстоны цæрджыты хсæн ацы спорты хуыз парахат кæныныл
Республикæйы шахмæтты Федераци æмæ сывæллæтты технопарк «Кванториум» бафыстой æмгуыстады бадзырд. Йæ фæлгæты дыууæтæ дæр бацархайдзысты Цæгат Ирыстоны цæрджыты хсæн ацы спорты хуыз парахат кæныныл. Федерацийы президент Таймазты Аланы ныхæстæм гæсгæ республикæйы шахматисттæн уый у, рагæй кæмæ æнхъæлмæ касынц, ахæм цау. Бадзырд бафысыны фæстæ технопарчы арæзт уыд турнир «Тайна второй планеты». Турниры уыцы-иу рæстæг хъазыдысты алы кары 25 адæймаджы.
темæмæ гæсгæ