филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:10 воскресенье, 14 декабря 2025
19 ноября 2019, 12:10
Алы бæрæгбон дæр сфидауы рæсугъд фынгæй, æмæ йыл цы мбæлы, ахæм мигæнæнтæй

Ам хицæнæй зæгъын хъæуы нæртон бæгæныйы къусы тыххæй

Уæвгæ, алы бæрæгбон дæр сфидауы рæсугъд фынгæй, æмæ йыл цы мбæлы, ахæм мигæнæнтæй. Ам хицæнæй зæгъын хъæуы нæртон бæгæныйы къусы тыххæй. Уымæн æмæ ирон фынгæн у æнæивгæ хай. Йæ аразыны сусæгдзинæдтæ хорз зоны æрмдæсны Тауаситы Ким. Бæгæныйы къустæ кæны ныр 35 азы. Йæ лæмбынæг архайдмæ йын бакасти нæ уацхæссæг Гæджиты Сослан.

Джеоргуыбайы къуыри Ирыстоны адæм æппынæдзухдæр фæкувынц Хуыцаумæ. Афтæмæй йын ракæнынц арфæ, цы бæркад æрæмбырд кодтой, уый тыххæй. Нæ культурæйы та баззади бæгæныйæ кувын. Уымæ гæсгæ ирон фынгыл бæгæныйы къус у æнæивгæ атрибут. Фæлæ уымæн йæ кæныны технологи зонын хъæуы. Тауаситы Ким ныридæгæн 35 азы аразы бæгæныйы къустæ. Æмæ уый куыд дзуры, уымæ гæсгæ ма къус рæсугъдæй дарддæр хъуамæ уа æнцон хæцæн дæр.

Иу къус саразыныл Кимæн ацæуы 5 боны. Уый фæстæ та йæ бахъæуы рæстæг кæрдтæ сцыргъ кæнынæн. Æмæ та уый фæстæ йæ къустæ саив кæны нывæфтыдтæй. 

Кимы куыстытæ адæмы хсæн хъуыстгонд сты.  Уымæ гæсгæ заказтæй цух не ййафы. 

Ныртæккæ та Ким йæхи цæттæ кæны Мæскуыйы конкурсма. Уым æрмдæснытæ æвдисдзысты, сæхи къухтæй цытæ аразынц, уыдæттæ. Уымæ гæсгæ Тауаситы Ким бæгæныйы къустæй уæлдай архайы сæрмагонд конкурсмæ хъæздыг экспозици бацæттæ кæныныл. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania