филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:28 воскресенье, 14 декабря 2025
19 ноября 2019, 18:14
Дзæуджыхъæуы администраци сиды горæты цæрджытæм, цæмæй фæззыгон сыфтæртыл арт ма ндзарой, уый тыххæй

Йæ фæздæгмæ канд зын улæфæн нæу, фæлæ ма адæймаджы æнæниздзинадæн хæссы зиан дæр

Дзæуджыхъæуы администраци сиды горæты цæрджытæм, цæмæй фæззыгон сыфтæртыл арт ма ндзарой, уый тыххæй. Йæ фæздæгмæ канд зын улæфæн нæу, фæлæ ма адæймаджы æнæниздзинадæн хæссы зиан дæр. Уæлдæфмæ цы фæздæг цæуы, уый парахат кæны тæссаг буаргъæдтæ. Арæх адæм хъаст кæнынц сæры рыстæй, сæхи æнкъарынц лæмæгъ æмæ сæ зæрдæ фæхæццæ кæны. Тæссаг бургъæдттæ хъыгдарынц бронхæтæ, æмæ ма суанг адæймаг хуыдуг кæнын райдайы. Сыфтæй дарддæр ма кæртыты цы æртытæ саразынц, уырдæм бахауынц пластикон æвгтæ, полиэтиленæй дзæкъултæ æмæ æндæр дзаумæттæ. Уыимæ уæлдæфмæ та бахауынц алыхуызон тæссаг хъацæнтæ. Бирæ куы нæ уой, уæддæр æвзæрын кæнынц аллерги. Специалисттæ сидынц адæммæ, цæмæй сыфтæ æппарой бырондæттæн сæрмагонд бынæтты, кæнæ сæ горæтæй дарддæр ласой  æмæ сæ ныгæной зæххы бын. Афтæмæй æрдзæн дæр пайда æрхæсдзысты, æмæ адæмæн дæр зиан нæ хæсдзысты. Кæннод та фидын хъæудзæн ивар.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania