Кадджын мадзалы ма архайдтой гæрзифтонг тыхты ветерантæ, Суворовон училищæйы курсанттæ, хицауады уæнгтæ, æфсæддон комиссарады кусджытæ, æхсæнадон архайджытæ, педагогтæ æмæ скъоладзаутæ
Хъæбатыртæ нæ мæлынц. Уæрæсейы хъахъхъæнынады министры хæдивæг Андрей Картаполов æмæ Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав Дзæуджыхъæуы байгом кодтой бюст æфсады инæлар Плиты Иссæйæн. Кадджын мадзалы ма архайдтой гæрзифтонг тыхты ветерантæ, Суворовон училищæйы курсанттæ, хицауады уæнгтæ, æфсæддон комиссарады кусджытæ, æхсæнадон архайджытæ, педагогтæ æмæ скъоладзаутæ. Кадджын уазджытæ дидинджытæ сæвæрдтой зындгонд инæлары æмæ æфсæддон разамонæджы цыртдзæвæныл. Уый фæстæ федтой сæрмагонд равдыст æмæ концерт. Цыртдзæвæн байгом кæныны мадзал арæзт æрцыд Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхты æфсæддон-политикон оргæнты разамонджыты оперативон æмбырды.




