филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:11 воскресенье, 01 февраля 2026
19 ноября 2019, 18:23
Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты студенттæ архайдтой Америкæйы иугонд штатты æрыгон дизайнерты конкурсы

Уый у модæты хæдзар «Аланæ»-йы æмæ ЦИПУйы кафедрæйы иумæйаг проект

Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты физикон-техникон факультеты студенттæ архайдтой Америкæйы иугонд штатты æрыгон дизайнерты конкурсы. Уыд горæт Сан-Францискойы. Уый у модæты  хæдзар «Аланæ»-йы æмæ ЦИПУйы кафедрæйы иумæйаг проект. Конкурс аразджытæ фæнд кæнынц Ирыстоны модельерты куыстытæ равдисын Америкæйы телеуынынады цалдæр каналы дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, мæйы размæ Сочийы  æппæтадæмон конкурс «Подиум 2019»-ы ацы студентты куыстытæ нымад æрцыдысты хуыздæртыл. Уæд жюрийы уæнгтæ уыдысты Уæрæсейæ, Америкæйæ, Сингапурæй, Египетæй æмæ Китайæ. Йæ сæрдар, Модæйы индустрийæйы Национ академийы саразджытæй иу Александр Хилькевич бæрзонд аргъ скодта ирыстойнаг дизайнерты равдыстæн. Æппæтадæмон конкурс «Русский силуэт»-ы  минæвар Джемал Махмудов та рахаста фæндон, цæмæй хатдзæгтæгæнæн конкурстæ арæзт цæуой Дзæуджыхъæуы Хетегкаты Къъостайы номыл университеты  бындурыл. Уæд ма сæ коллекци хорзæгонд æрцыд сæрмагонд призæй. Америкаг дизайнер Иннæ Харбофф сæ ахуыдта Америкæйы Иугонд Штаттæм коллекци «Смело в дело»-йы равдысты архайынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania