филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:42 воскресенье, 01 февраля 2026
21 ноября 2019, 12:09
Абон у телеуынынады æппæтдунеон бон

Алы бон дæр телевизормæкæсджытæ базонынц нæ бæстæйы æмæ дунейы сæйраг хабæртты тыххæй

Абон у телеуынынады æппæтдунеон бон. Алы бон дæр телевизормæкæсджытæ базонынц нæ бæстæйы æмæ дунейы сæйраг хабæртты тыххæй. Æрмæст нæ республикæйы кусы 9 телекомапнийы. Æппæтæй егъаудæртæ сты паддзахадон телерадиокомпани «Алани» æмæ Национ телекомпани «Осетия-Ирыстон». Телесигнал исыны фадат абон ис суанг дæрддзæф хъæуты цæрджытæн дæр.  Ацы аз аналогон телеуынынадæй рахызтыстæм нымæцонмæ. Республикæйы цæрджытæ ныр лæвар исынц 20 каналы. Ирыстоны хабæрттæ цæуынц нырыккон нымæцон комплексæй. Арæзт у автоматизацигонд системæйы бындурыл. Зæгъын хъæуы уый, æмæ йæ фæстаг 40 азмæ æххæстæй сифтонг кодтой нырыккон техникæйæ. Фæхуыздæр сты редакцийы кусджыты фæллойы уавæртæ дæр. Бæлвырддæр та арæзт æрцыдысты нырыккон студитæ, монтажгæнæнтæ æмæ эфир дæттæн аппаратон бæстыхæйттæ. Телеуынынады баиу сты æрыгондзинад,  фæлтæрддзинад æмæ сфæлдыстад. Экраныл цы уынæм, уый у бирæ алыхуызон специалистты иумæйаг фæллой. Телеуынынады кусджытæ зæрдæйæ уарзынц сæ хъуыддаг. Бирæтæн сси сæ царды сæйраг æмæ æнæивгæ хай. Паддзахадон телерадиокомпани «Алани» æмæ национ телекомпани «Осетия – Ирыстон»-ы кусджытæ бирæ хæттыты систы алыхуызон конкурсты æмæ фестивальты лауреаттæ. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania