Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславæн æй бацамыдта Уæрæсейы æрдзмæ цæстдарды Управленийы разамонæджы хæстæ æххæстгæнæг Зейтун Асанов
Æрдзон æвæрæнтæм цæстдарды Федералон службæйы регионты хсæн цæгаткавказаг Управленийы разамонæджы хæдивæгæй нысангонд æрцыд Бæззаты Вадим. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславæн æй бацамыдта Уæрæсейы æрдзмæ цæстдарды Управленийы разамонæджы хæстæ æххæстгæнæг Зейтун Асанов. Ног разамонæджы куыстæн скодта хорз хатдзæгтæ. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй йæ зæрдæ дары иумæйаг ахадгæ куыстыл. Уымæн æмæ æрдз хъахъхъæныны къабазы ис бирæ лыггæнинаг фарстатæ, æмæ сыл хъæуы иумæ кусын. Уæ ведомствойæн та нырыккон æхсæнады ис стыр ахадындзинад, экологи у æппæтæй сæйрагдæр, загъта республикæйы разамонæг. Бæззаты Вадимы зонæм хорз адæймагæй æмæ специалистæй. Нæ зæрдæ дардзыстæм, йе рбацыдимæ службæйы куыст зынгæ кæй фæахадгæдæр уыдзæн, ууыл, бахынцта Битарты Вячеслав.




