22 ноября 2019, 17:54
Афæдзы размæ йæ цардæй ахицæн Андиаты Сослан
Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты, дунейы 4 хатты æмæ Европæйы 3 хатты чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй йæ цардæй ахицæн 2018-æм азы 22-æм ноябры
Афæдзы размæ йæ цардæй ахицæн Андиаты Сослан. Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты, дунейы 4 хатты æмæ Европæйы 3 хатты чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй йæ цардæй ахицæн 2018-æм азы 22-æм ноябры. Цыди йыл 66 азы. Андиаты Сослан бирæ рæстæг куыста Цæгат Ирыстоны спорты министрæй. Уыд парламенты 3 æмбырды депутат. Стыр æвæрæн бахаста нæ республикæйы спорты рæзтмæ, æмæ йын йæ кой дæрдтыл айхъуысæн кодта. Абон ирыстойнаг спорты легендæйы ном æрымысынмæ йæ уæлмæрдмæ рбацыдысты йæ хæстæджытæ, хиуæттæ, æмкусджытæ æмæ йæ бирæ æмбæлттæ.
темæмæ гæсгæ




