Хицауады æмбырды абон ныхас цыд, национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл.
Хæдзæртты кæртыты куыст кæронмæ æрхæццæ. Хицауады æмбырды абон ныхас цыд, национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Стыр æргом аздæхтой «Цæрæнуæттæ дæттыны æмæ горæты æнцонвадат архайд»-ы программæтæм. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй 17 æхсæнадон бынатæй саив кодтой 15. Дыууæ зонæйы ма аивгонд æрцæудзысты ацы къуырийы кæронмæ. Ацы аз ма нысангонд æрцыд 61 хæдзары кæрты æмæ 17 æхсæнадон территорийы. Иумæйаг бюджет у 235 милуан сомæй фылдæр. Уыдонæй федералон бюджетæй радих кæндзысты 210 милуаны, регионалонæй та – 11 милуан сомæй фылдæр. Бынæттон бюджеты хай сси 15 милуаны æмæ 500 мин сомы. 2019-2020-æм азтæм бахастой Дзæуджыхъæуы 3 кæлæддзаг хæдзары. Сæ иумæйаг фæзуат у 2000 квадратон метры. Программæйы архайынц 54 бинонтæ кæнæ 123 адæймаджы. Фæрæзты бæрц 88 милуан сомы. Уыдонæй фонды фæрæзтæ сты 66 милуан сомы. Регионалон бюджет – 3 милуаны æмæ 500 мин сомы. Бынæттонæй та – 18 милуаны.




