филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:18 вторник, 16 декабря 2025
27 ноября 2019, 18:32
Æбæрæг фыдгæнджытæ Доваторы проспекты æмæ Первомайскийы уынджы тигъыл акалдтой 20 бæласы

30 азы размæ скверæн бындур сæвæрдтой куыстуат АТС 52-йы фæллойгæнджытæ

Æрæджы дæр ма нæзы, гæды æмæ бæрзбæлæстæ кæм задысты, уым баззадысты бындзæфхæдтæ. Æбæрæг фыдгæнджытæ Доваторы проспекты æмæ Первомайскийы уынджы тигъыл акалдтой 20 бæласы. Æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрады специалисттæ зæгъынц, 3 къуырийы размæ дæр ма ам уыд цъæх фæлысты бынат. Ныртæккæ та дзы уынæм сæ фæдтæ. Кæд æмæ дзы раздæр уыдысты гæдыбæлæстæ, нæзы, сусхъæд æмæ бæрзбæлæстæ æмæ ма суанг æхсынцъы дæр. 30 азы размæ скверæн бындур сæвæрдтой куыстуат АТС 52-йы фæллойгæнджытæ. Уыцы мгъуыдмæ фæзынд экологон системæ. Ныртæккæ бæстыхай æмæ алфамблай территорийæн ис æндæр хицæуттæ. Хæстæг хæдзæртты цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй бæлæстæ акалдтой ноябры райдиан, фæлладуадзæн бонты. Ныр экологты хъæудзæн акттæ скæнын, æмæ банымайын, горæты æрдзæн цы зиан æрхастой, уый.

Экологтæ хъуамæ сбæрæг кæной бæлæсты хуызтæ, æмæ сыл цалгай азтæ цыди, уый. Ахæм у æнæмæнг домæн. Уæвгæ бæлæстæ акалынæн бар уыди, æви нæ, уый дæр сбæлвырд кæндзысты Дзæуджыхъæуы администрацийы специалисттæ. Фæтк чи хала, уыдон хъуамæ фидой ивар. Уыимæ фыдгæнджытæн фидын кæндзысты, горæты цъæх фæлыст сног кæнынæн цы хæрдзтæ цæудзысты, уый бæрц. Экологийы министрады сидынц цæрджытæм, кæд искуы феной бæлæстæ калыны цаутæ, уæд-иу æрбадзурæд комкоммæ телефонмæ 74-68-75.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania