филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:00 понедельник, 15 декабря 2025
28 ноября 2019, 12:36
Амæй фæстæмæ хъæуты кусæг сылгоймæгтæн фæкъаддæр уыдзæн сæ фæллойы рæстæг

Афтæмæй хъуамæ къуыримæ 36 сахатæй фылдæр мауал кусой

Амæй фæстæмæ хъæуты кусæг сылгоймæгтæн фæкъаддæр уыдзæн сæ фæллойы рæстæг. Афтæмæй хъуамæ къуыримæ 36 сахатæй фылдæр мауал кусой. Уыимæ сæ куысты мызд та баззайдзæн раздæрау, ома исдзысты 40 сахатæн. Куыд фæбæрæг ацы ногдзинад хъæуккаг сылгоймæгты цардыл, уый базоныныл бацархайдта нæ уацхæссæг Гæджиты Сослан.

Кадаты Зæлинæ кусы Фарныхъæуы рæвдауæндоны хъомылгæнæгæй. Йæ кусгæ бон фæвæййы, сывæллæтты сæ ныййарджытæ хæдзæрттæм куы акæнынц, уæд.

Уымæй дарддæр ма йæ хъæуы йæхи бинонтæн балæггад кæнын дæр. Хъæуккаг хæдзары та куыст бирæ. Алцæуыл дæр куыд æххæссы, ууыл йæхæдæг дæр дис кæны. Уымæ гæсгæ, хъæуты фæллойгæнæг сылгоймæгтæн сæ кусгæ боны рæстæг фæкъаддæр кæныны тыххæй закъоны фарс, куыд фæзæгъынц, дыууæ къухæй дæр разы у.

Закъоны фарс рахæцыдысты се ппæт дæр, райдай бинонтæй æмæ бынæттон разамындæй фæуы. Фарныхъæуы администрацийы сæргълæууæг Гæлуаты Зауырбег куыд зæгъы, афтæмæй разы у – ныртæккæ сылгоймæгтыл стыр уаргъ æвæрд кæй ис, уыимæ. Фылдæр уæгъд рæстæг та сын фадат ратдзæн сæ фæллад уадзынæн, æмæ ма сæхиуыл фылдæр рæстæг хардз кæнынæн. Æхсызгон ма сын уый дæр, æмæ сæ куысты мызд кæй нæ фæкъаддæр уыдзæн.

Фæллойы кодексы ног нормæтæм гæсгæ, ахæм льготæ хауы, æрмæстдæр хъæуты кусæг сылгоймæгтæм. Уыимæ кæм цæры, уый уæлдай нæу. Зæгъæм, кæд хъæуккаг сылгоймаг горæты кусы, уæд йæ кусгæ къуыри баззайдзæн, раздæрау – 40 сахаты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania