филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:09 вторник, 16 декабря 2025
29 ноября 2019, 18:08
Ацæргæ адæмы хæдзар-интернат «Забота»-йы арæзт æрцыди Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 75 азы кадæн акци

Социалон объекты территорийы ныссагътой 75 бæласы

«Уæлахизы Аллейæ». Ацæргæ адæмы хæдзар-интернат «Забота»-йы арæзт æрцыди Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 75 азы кадæн акци. Социалон объекты территорийы ныссагътой 75 бæласы. Сæрмагонд фæйнæджытыл ныффыстой интернаты чи царди, уыцы фронтовикты нæмттæ æмæ мыггæгтæ. Уыдонимæ ма сæнусон кодтой  æнæном салдаты æмæ  интернат-хæдзары фыццаг директор Дзатдзеты Ибрагимы рухс нæмттæ дæр. Уый архайдта Курскы къæлæты тохы æмæ бахæццæ суанг Берлинмæ.  Мадзалы архайдтой республикæйы æхсæнады минæвæрттæ, фæллойы æмæ социалон рæзты министрады, ветеранты советы æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы уæнгтæ, стæй волонтертæ. Акци рауади хъæрмуд æмæ зæрдæйæн æхсызгон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania