филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:16 вторник, 16 декабря 2025
02 декабря 2019, 12:37
Дзæуджыхъæуы Иристонскийы уынджы 23-æм хæдзарыл цæуы 60 азæй фылдæр

Ныртæккæ та архайы бындурон цалцæджы программæйы.

Дзæуджыхъæуы Иристонскийы уынджы 23-æм хæдзарыл цæуы 60 азæй фылдæр. Ныртæккæ та архайы бындурон цалцæджы программæйы. Арæзтадон куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц, уыимæ – æмгъуыдæй раздæр. Закъонмæ гæсгæ уымæн фадат ис, зæгъынц Регионалон операторы минæвæрттæ æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады Министрады специалисттæ. Ам ахсджиаг æмæ бæрнон хæс æвæрд ис хæдзæртты хицæутты æмбалады сæрдарыл. Цас растдæр æмæ хуыздæр куыст бакæна цæрджытимæ, уыйас хуыздæр. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Тобойты Джульеттæ тынг разы у, сæ хæдзары сын цы куыстытæ бакодтой, уымæй. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы кæрты цæры ныр 40 азы онг. Æртæуæладзыгон хæдзар иннæ ахæм бирæуæладзыгон бæстыхæйттæй ницæмæй хицæн кæны. Фæлæ арæзтадыл цæуы 60 азæй фылдæр. Уымæ гæсгæ йæм базилын уыд йæ цæрджыты рагон бæллиц. Ныр бындурон цалцæг кæронмæ фæхæццæ кæны, уыимæ – æмгъуыдæй раздæр. 

Цалдæр азы размæ ам равзæрстой хæдзæртты хицæутты æмбалад, æмæ сæрмагонд хыгъды райдыдтой æхца æмбырд кæнын. Фæлæ йæ куы базыдтой, паддзахад цы цалцæг расидти, уый раздæр скæнæн ис, уæд фæрæзтæ фылдæр æмбырд кæнын райдыдтой. Афтæмæй бындурон цалцæгмæ сæ рад фæхæстæгдæр кодтой. Закъонмæ гæсгæ уымæн фадат ис, зæгъынц Регионалон операторы минæвæрттæ æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады Министрады специалисттæ.

Ам ахсджиаг æмæ бæрнон хæс æвæрд ис хæдзæртты хицæутты æмбалады сæрдарыл. Цас растдæр æмæ хуыздæр бамбарын кæна цæрджытæн, ома фиддонтæ куыд æмбырд кæной, уымæй аразгæ у бындурон цалцæджы цыд дæр, уыйас хуыздæр. Ахæм хорз разамонæджы дæнцæгæн æрхæссæн ис Саутуалты Асланы. У хæдзæртты хицæутты æмбалад  «Фарн»-ы сæрдар.

Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады Министрады зæгъынц, бындурон цалцæджы программæмæ се вæрæн хæссынц республикон æмæ муниципалон бюджеттæ дæр. Уымæ гæсгæ финансон фарстатæ хæдзæртты цæрджытæ æрмæст сæхæдæг нæ лыг кæнынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania