филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:16 воскресенье, 01 февраля 2026
09 декабря 2019, 17:10
Абон бæстæйы бæрæг кæнынц Фыдыбæстæйы хъæбатырты бон

Дзæуджыхъæуы Намысы аллейæйы æвзонг сабырдзинадтауджытæ дидинджытæ сæвæрдтой хъæбатырты цыртдзæвæнтыл

Абон бæстæйы бæрæг кæнынц Фыдыбæстæйы хъæбатырты бон.

Дзæуджыхъæуы Намысы аллейæйы æвзонг сабырдзинадтауджытæ дидинджытæ сæвæрдтой хъæбатырты цыртдзæвæнтыл. Республикæйы æдæппæтæй ис Уæрæсейы 14 хъæбатыры. 6 дзы абон не хсæн нал сты, æмæ сын сæ кадджын хæрзиуджытæ снысан кодтой сæ амæлæты фæстæ. Скъоладзаутимæ аныхас кодта Уæрæсейы хъæбатыр Андрей Днепровскийы мад Татьяна Днепровская. Йæ фырт уыди сгарджыты сæйраг управленийы кусæг. Архайдта Цæцæны республикæйы контртеррористон операцийы. 1995-æм азы йе фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ сæдас кодта террористты къорд. Тохы куы бацыди, уæд ын бантысти дыууæ фыдгæнæджы амарын. Уыимæ, йæ арæхстдзинады фæрцы, йе мкусджытæй иу дæр хъыгдард нæ баййæфта. Хъæбатыр фæмарди фыдгæнджытимæ радон ныхмæлæуддзинады.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania