филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:39 воскресенье, 01 февраля 2026
10 декабря 2019, 17:10
Уæллаг Ларсы таможняйы зонæмæ 8-æм декабры æрбаластой, артаг цæм фæласынц, ахæм цистернæ

Цæгат Ирыстоны таможняйы, æдасдзинады федералон службæйы æмæ мидхъуыддæгты министрады кусджыты иумæйаг архайды фæрцы бæрæггонд æрцыди, контейнер-цистернæйы æцæгæйдæр цы ластой, уый

Уæллаг Ларсы таможняйы зонæмæ 8-æм декабры æрбаластой, артаг цæм фæласынц, ахæм цистернæ.

Фæлæ Цæгат Ирыстоны таможняйы, æдасдзинады федералон службæйы æмæ мидхъуыддæгты министрады кусджыты иумæйаг архайды фæрцы бæрæггонд æрцыди, контейнер-цистернæйы æцæгæйдæр цы ластой, уый. Артаджы бæсты дзы уыди тамакойы продукци. Ныртæккæ транспортон фæрæз æмæ æнæзакъон продукци сты ахст. Ныхас цæуы, фыдракæнды тыххæй уголовон хъуыддаг байгом кæныныл. Ацы хъуыддаджы фæдыл закъонхалджытæ æфхæрд æрцæудзысты УФ-йы уголовон кодексы 200 æмæ 194-æм статьятæм гæсгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania