11 декабря 2019, 12:53
Михаил Шаталов ногæй æвзæрст æрцыди Дзæуджыхъæуы æхсæнадон советы сæрдарæй
Горæты администрацийы уыд советы 5-æм сконды æмбырд.
Михаил Шаталов ногæй æвзæрст æрцыди Дзæуджыхъæуы æхсæнадон советы сæрдарæй. Горæты администрацийы уыд советы 5-æм сконды æмбырд. Æвзæрст ма æрцыдысты сæрдары 4 хæдивæджы дæр. Михаил Шаталов бузныг загъта горæты муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбегæн, стæй, æмбырды чи архайдта, уыдонæн се ппæтæн дæр, радон хатт ыл кæй баууæндыдысты, уый тыххæй. Æхсæнадон советы размæ вæрд ис бирæ хæстæ æмæ нысантæ. Æхсæнадон структурæйы ног скондмæ бацыдысты 137 адæймаджы.
темæмæ гæсгæ




