филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:39 воскресенье, 01 февраля 2026
11 декабря 2019, 12:53
Проект «Хицауадимæ æргом ныхас»-ы фæлгæты журналисттимæ фембæлди Азымты Иринæ

Хицауады сæрдары хæдивæг куыд фехъусын кодта, афтæмæй афæдзы æмгъуыдмæ рæвдауæндæттæм рад фæкъаддæр ис 10 хатты

Проект «Хицауадимæ æргом ныхас»-ы фæлгæты журналисттимæ фембæлди Азымты Иринæ. Хицауады сæрдары хæдивæг куыд фехъусын кодта, афтæмæй афæдзы æмгъуыдмæ рæвдауæндæттæм рад фæкъаддæр ис 10 хатты. Кæд фарон, рады лæууыдысты 5 мин сывæллоны, уæд ацы аз та 5 сæдæ сывæллонæй гыццыл фылдæр. Уавæр фæхуыздæр кæнын къухы бафтыди ног бæстыхæйттæ арæзт кæй æрцыди, уый фæрцы. Уæдæ бирæ рæвдауæндæттæм та бафтыдтой уæлæмхасæнтæ. Азымты Иринæ дзуапп радта, æрæджы сидзæр сывæллæттæн цы æнæхæрзхъæд цæрæнуæттæ радтой, уыдоны тыххæй фæрстытæн дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, алы хъуыддаг дæр цæуы иртæст, æмæ йыл кусынц дзуаппдæттæг оргæнтæ. Цалдæр адæймаджы ахæм уавæры хæдзæрттæ райсын нæ бафæндыди. Уыдонæн баххуыс кодтой, цæмæй гæххæттытæ бацæттæ кæной тæрхондонмæ. Кæд тæрхондон разыйы дзуапп радта, уæд сын ратдзысты ног фатертæ. Азымты Иринæмæ æрдзырдта, ацæргæ адæмы æнæниздзинады æмæ сын сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн цы куыст цæуы, ууыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania