11 декабря 2019, 18:07
Барадхъахъхъæнæг оргæнтæ Дзæуджыхъæуы баурæдтой, зондахастыл æвзæрырдæм чи ахады, ахæм хосты æнæзакъон зилдух
Фыдгæнджыты къорды архайджытæй иуы хæдзары ссардтой 120 таблеткæйы трамадол
Барадхъахъхъæнæг оргæнтæ Дзæуджыхъæуы баурæдтой, зондахастыл æвзæрырдæм чи ахады, ахæм хосты æнæзакъон зилдух. Фыдгæнджыты къорды архайджытæй иуы хæдзары ссардтой 120 таблеткæйы трамадол, стæй 10 дозæйы фаг героин. Хъавыдысты сæ ауæй кæнынмæ, стæй дзы сæхæдæг дæр кодтой пайда. Оперативон кусджытæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй, кæй æрцахстой, уыдонæн амæй размæ дæр сæ хъуыддаг уыди тæрхондоны. Республикæйы парахат кодтой трамадол, сæхæдæг сæ-иу радтой заказгæнæгмæ. Ныртæккæ сты ахст. Байгом кодтой авд уголовон хъуыддаджы. Гæнæн ис, æмæ ма сыл бафтдзæн ноджыдæр æртæ.




