филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:34 воскресенье, 01 февраля 2026
18 декабря 2019, 12:57
Райрæзты агентады уыди фембæлд

Архайдтой дзы туристон æмæ альпинистон клубты минæвæрттæ, туроператортæ, стæй Цæгат Ирыстоны чи кусы, ахæм гидтæ.

Райрæзты агентады уыди фембæлд. Архайдтой дзы туристон æмæ альпинистон клубты минæвæрттæ, туроператортæ, стæй Цæгат Ирыстоны чи кусы, ахæм гидтæ. Æмбырды куыд загътой, афтæмæй ныртæккæ фыццаградон хæс у фæндаггон картæ саразын. Инвестортæ æмæ спонсортæ агурын, стæй административон æвæрæнтæй пайда кæныны системæ хъуамæ конд уа райрæзты агентады куратортимæ иумæйагæй. Афтæ, Æрæфы районы зындгонд фысымуæттæй иуы хицау Сергей Селезнев загъта, туристон маршрутты куыст сног кæнын хъæуы, зæгъгæ. Ныртæккæ официалон æгъдауæй сты 8, уый паспорттæ кæмæ ис, ахæмтæ. Фæлæ сты зæронд. Зæгъæм, Гуырдзыйы æппæтадæмон сайты хыгъды ис 600 маршруты, Цæгат Ирыстоны та æрмæстдæр 60.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania