филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:09 вторник, 30 апреля 2024
25 декабря 2019, 12:19
Мæздæджы сарæзтой автомобилисттæ ерыстæ

Архайдтой дзы куыд сыхаг республикæты спортсментæ, афтæ Мæзæджы районы национ-культурон æхсæнæдты минæвæрттæ

«Ног азы рухсы кубок», ахæм сæргондимæ Мæздæджы сарæзтой  автомобилисттæ  ерыстæ. Архайдтой дзы куыд сыхаг республикæты спортсментæ, афтæ Мæзæджы районы национ-культурон æхсæнæдты минæвæрттæ. Ахæм ерыстæ Мæздæджы фыццаг хатт ацыдысты. Мадзал арæзт æрцыд автомобилон клуб «Феникс»-ы хъæппæрисæй. Ис «Мæзджы хæлардзинады хæдзары» æмæ районы администрацийы бæрны. Цалдæр азы ацы клуб иу кæны автомобилон спортуарзджыты. Кубок рамбулыны архайджытæн бацæттæ кодтой трассæ, сбæрæг кодтой тæрхонгæнджыты, нæ сæ ферох сты æдасдзинады мадзæлттæ дæр. Ерыстæ аразджыты хъуыдымæ гæсгæ турнир хорз фæрæз у кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ зонгæ кæнынæн. Сæйрагдæр та сыхаг республикæимæ хæлар ахастдзинæдтæ парахат кæнынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania