филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:50 воскресенье, 01 февраля 2026
26 декабря 2019, 17:05
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизмæ нæ бæстæйы адæм бахастой æгæрон æвæрæн

Уыимæ, сæхиуыл нæ ауæрстой куыд нæлгоймæгтæ, афтæ сылгоймæгтæ дæр

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизмæ нæ бæстæйы адæм бахастой æгæрон æвæрæн. Уыимæ, сæхиуыл нæ ауæрстой куыд нæлгоймæгтæ, афтæ сылгоймæгтæ дæр. Уыцы ныфсджын фæсивæды хсæн уыд Дзуццаты Венерæ дæр. Ацы бонты йыл сæххæст 100 азы. Хæствæллад хистæр дæнцæгæн хæссинаг канд йæ бинонтæн нæу, фæлæ ма йæ бирæ зонгæтæн, æмкусджытæн, сыхæгтæн.

Знаг лæбурдта Кавказы зæхмæ, тырныдта Грознайы нефты гуырæнтæ байсынмæ. Цыдис карз æмæ тугкалæн тохтæ. Уыцы рæстæг Ольгинскæйы арæзт æрцыд госпиталь. Уырдæм медицинон хойæ бацыд Дзуццаты Мацыхъойы чызг Венерæ дæр. Йæ æгъуыссæг æхсæвтæ, йæ фæллад ницæмæ даргæйæ, уый зæрдиагæй архайдта рынчынтæн æххуыс кæныныл, нæ сын æвгъау кодта йæ зæрдæйы хъарм, йæ фæлмæн ныхас.

Нымад уыд госпиталы дохтырты хсæн. Уымæй уæлдай ма знаджы бауромыны тыххæй хъæуы иннæ царджытимæ иумæ къахта акъоппытæ, æххуыс сын кодта хъæумæ бахизæны хъахъхъæнæн систæ аразынæн.

Хæсты фæстæ Венерæ ссардта йæ амонд. Смой кодта Бæтæхъойыхъæуккаг Ходы Никъалайæ. Уым дæр йæ куыст нæ ныууагъта Мацыхъойы чызг æнтыстджынæй куыста хъæуы амбулаторийы. Цыбыр рæстæгмæ йæ адæм тынг бауарзтой. Йе нæзæрдæхудт куысты тыххæй Венерæйы фæстæдæр кусынмæ раивтой Дзæуджыхъæуы уæды фыццæгæм рынчындонмæ. Дзæвгар рæстæг дзы фæкуыста хистæр медицинон хойæ.

Ам дæр æрыгон сылгоймаджы арæхстдзинад æмæ зонындзинæдтæн стыр аргъ кодтой дохтыртæ. Венерæ схъомыл кодта æмæ царды раст фæндагыл сæвæрдта йæ цоты дæр. Йæ кæстæр чызг Наталья куыд зæгъы, афтæмæй сæ мад уыдис хæларзæрдæ, фæлæ уыцы иу рæстæг бæрнон, æмæ ахæм миниуджытæ домдта йæ цотæй дæр. Йæ дыууæ чызджы дæр царды ссардтой аккаг бынат. Хистæр сæххæст кодта, кæддæр йæ мадмæ цы бæллиц уыдис, уый – каст фæцис Цæгат Кавказы медицинон институт. Кусынмæ йæ арвыстой Тулæйы областмæ. Венерæйы кæстæр чызг та юридикон факультеты фæстæ дзæвгар рæстæг фæкуыста Хъæууон хæдзарады министрады сæйраг юристæй. Лæвæрд ын æрцыд Цæгат Ирыстоны сæйраг юристы ном.

Абон Ходы –Дзуццаты Венерæ сæрыстыр у æрмæст йæхи цотæй нæ, фæлæ ма уыдоны кæстæртæй дæр. Уыдон та йын се ппæт дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, исынц дæнцæг, æмæ йын кæнынц æнæкрæон кад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania