Сæ куысты хатдзæгтæ бахыгътой Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы цауты министрады дæр.
Абон бæстæйы бæрæг кæнынц ирвæзынгæнæджы бон. Сæ куысты хатдзæгтæ бахыгътой Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы цауты министрады дæр. Ацы аз зынгсирвæзтыты æмæ фæндаггон æмæ æндæр фыдбылызты фервæзын кодтой мин адæймагæй фылдæр. Мин æмæ 5 сæдæ адæймаджы ракодтой æдас ранмæ, ахуыссын кодтой мин 2 сæдæ зынгсирвæзты, скодтой 160 агурæг-сгарæг рейды. Уымæй уæлдай, Цæгат Ирыстоны цæрджытæн баххуыс кæныны тыххæй 5 хатты спайда кодтой Уæрæсейы æнæнхъæлæджы цауты министрады авиацийæ. Республикæйы профилон сæйраг управленийы хицау Александр Хоружий арфæ ракодта се ппæтæн дæр сæ профессионалон боны фæдыл, стæй сын бакасти Битарты Вячеславы арфæйы фыстæг. Йæ куысты хуыздæр бæрæггæнæнтæ чи равдыста, уыдоны схорзæхджын кодта кады гæххæттытæй.




