филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:50 воскресенье, 01 февраля 2026
30 декабря 2019, 13:09
Тускъаты Таймураз сбæрæг кодта, федералон программæтæм гæсгæ объектты арæзтад

Ацы хатт федта ахуырадон æмæ спортивон объекттæ.

Ног азы агъоммæ республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз сбæрæг кодта, федералон программæтæм гæсгæ объектты арæзтад. Ацы хатт федта ахуырадон æмæ спортивон объекттæ. Къамисы уæнгтимæ уыд не сфæлдыстадон къорд дæр. Моргуаты Ладæ радзурдзæн ног арæзтæдты тыххæй бæлвырддæр.

Райдзаст æмæ рухс къæридортæ, ног нывæфтыдтимæ. Дзæуджыхъæуы 65-æм рæвдауæндоны сывæллæттæн бынат рагæй нал фаг кодта, ныр та дзы, зæгъæн ис, æмæ цæттæ у ног уæлæмхасæн бæстыхай. Бынат дзы уыдзæн 50 сывæллонæн. Куыд нысан кæнынц, афтæмæй дзы арæзт уыдзæн 3 къорды. 

Сывæллæтты рæвдауæндоны хъуамæ уа æппæт фадæттæ, стæй сæ цæст райа, уый у сæйраг домæнтæй иу, зæгъынц йæ кусджытæ.

Уарзт æмæ узæлд, хъуамæ æнкъара алы сывæллон дæр, уæлдайдæр та дзы йæ райгуырдæй фæстæмæ цух чи у, уыдон. Æрвылаз  сидзæр сывæллæтты республикон хæдзары хъомылгæнинæгтæ райсынц Ног азы лæвæрттæ. Ацы аз сæ райсдзысты 35 сабийы – 3 мæйæ 4 азы онг.

Кусæнуаты зæгъынц æргом æмæ зæрдæхæлар ахастдзинæдтæ сты æппæтæй ахсджиагдæр. Æмæ ам зæрдæрайгæйæ бадарынц се ххуысы къух.

Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта спортивон хъæбысхæстæй тренировкæтæ кæнæн центр дæр. Федералон программæмæ гæсгæ арæзтад райдыдта сентябры æмæ ныронг куыстытæн сæ фылдæр хай сæххæст кодтой. Иумæйаг фæзуат ахсы 3 мин квадратон метры. Проектмæ гæсгæ уыдзæн 2 уæладзыгон.

Премьер ма федта Елхоты 4-æм рæвдауæндонмæ уæлæмхасæны арæзтад дæр. Ныртæккæ дзы кусынц йæ фæлгонцыл. Ног азы фæстæ скуысдзæн ног ясли. Сывæллæтты рæвдауæндоны ма скуыдзæн ног автономон  хъармгæнæн дæр. Подрядон организаци ма сывæллæтты кæрты хъазæн фæзуат байтыдта фæлмæн кæдтагæй.

Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй куыстытæ афойнадыл фæуынæй фæстæмæ ма ахсджиаг у эксплуатацийы сæ æнæ къуылымпытæй радтын

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania