филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:53 воскресенье, 01 февраля 2026
06 января 2020, 12:00
Ацы азæй фæстæмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн сæ бон Уæрæсейы алы рæттæм поезды цæуæн уыдзæн лæвар

1-æм январæй фæстæмæ сын фадат ис æфсæн фæндагыл балц кæнынæн, цас сæ фæнды, уал хатты

Ацы азæй фæстæмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн, æмæ семæ чи цæуа, уыдонæн сæ бон Уæрæсейы алы рæттæм поезды цæуæн уыдзæн лæвар. 1-æм январæй фæстæмæ сын фадат ис æфсæн фæндагыл балц кæнынæн, цас сæ фæнды, уал хатты. Лæвар цæуыны бар ис, ветеранимæ чи уа, ахæм иу адæймагæн дæр. Лæвар билет райсæн ис, дард балцытæм кассæты. Ветерантæн фидын нæ хъæудзæн, вагæтты цы лæггæдтæ ис, уымæн дæр. Ацы азæй фæстæмæ ахæм льготæ сси, æмгъуыд кæмæн нæй, ахæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania