филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:53 воскресенье, 01 февраля 2026
06 января 2020, 12:10
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Ходы-Дзуццаты Венерæ сбæрæг кодта йе нусон юбилей

Царды зындзинæдтæ нæ хынцгæйæ, хæствæллад хистæр йæхи нымайы амондджыныл

100 азы иу боны хуызæн. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Ходы-Дзуццаты Венерæ сбæрæг кодта йе нусон юбилей. Царды зындзинæдтæ нæ хынцгæйæ, хæствæллад хистæр йæхи нымайы амондджыныл. Уыимæ дзы сусæгдзинæдтæ дæр нæй, зæгъы сылгоймаг. Сæйрагдæр у сабыр цардæн аргъ кæнын, æмæ адæмы уарзын. Ветераны тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Ходы – Дзуцаты Венерæ хъуыды кæны йæ царды алы лыстæг хъуыддаг дæр, кæимæ куыста, сæ нæмтттæ, мыггæгтæ, уимæ ма у цырхзонд. 100 азы иу уысымы хуызæн, зæгъы Венерæ – ирд æмæ бирæвæрсыг цаутæй хъæздыг. Кæд йæ цардвæндаг æнцон нæ уыд, уæддæр. Райгуырд æмæ хъомыл кодта Ольгинскæйы. Каст фæцис медицинон училищæ æм райдыдта кусын.

Майдантæ – æфсæддон рæстæджы æвдисæнтæ – аив æвæрд. Уæд æвзонг медицинон хо куыста госпиталы. Уæззау азтæ Венерæ мысын нæ уарзы, фæлæ зæгъы, цы фæнды уавæры дæр цы дæсныйад равзæрстай, уый хъæуы уарзын æмæ дзы лæггад кæнынæй нæ фæллад. Бирæ азты фæкуыста Дзæуджыхъæуы 1-æм рынчындоны, каст операци кæмæн скодтой, ахæм рынчынтæм. Суанг йыл цалынмæ 75 азы сæххæст, уæдмæ куыста. Уимæ ма, зæгъæн ис æмæ иунæгæй хъомыл кодта 2 чызджы.

Фæллойы æмæ фронты фæсчъылдымы ветеран, стæй ма у стыр бинонты буц хистæр. Венерæйæн йæ цоты цот сты 7, уыдоны хъæбултæ та 6. Уарзы семæ йæ рæстæг æрвитын, нæ сафы йæ цыргъзонд, стæй ма нæ сусæг кæны, куыд ис 100 азы фæцæрæн.

Иу уысым, кæцы баззад æнусты, зæронд къамты æвдыст цæуы иу адæймаджы цардвæндаг æмæ дзы бынат ссардзысты Венерæйы 100 азы юбилейон къамтæ дæр.

Ахсджиаг цау сылгоймаг сбæрæг кодта декабры йæ хиуæттимæ. Фæлæ ма йæм абон дæр цæуынц арфæтæ æмæ лæвæрттимæ. Чи йæ нæ ферох кодта, уыдонæн та Венерæ зæгъы бузныг. Йæ хъуыдымæ гæсгæ æнусон юбилей уа диссаг нæу, адæймаг рæсугъд цард куы кæна, искæйы зæрдæхуыдты куы нæ бацæуа. Æвæццæгæн уымæн Ходы-Дзуццаты Венерæ дæр æнцонтæй ахызт йæ 100 азы сæрты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania