Йæ дуæрттæ байгом кодта нæ республикæйы æвзонг цæрджытæн
Хи къухтæй конд лæвæрттæ кæнын æмæ диссæгтæ аразын. Хетæгкаты Къостайы номыл культурæйы æмæ фæлладуадзæн парчы кусын райдыдта Митын дадайы æрмадз. Йæ дуæрттæ байгом кодта нæ республикæйы æвзонг цæрджытæн. Æрмадзы фадат ис Ног азы сæйраг дадайы сусæгдзинæдтæ базонынæн – бæлвырддæр та йæ лæвæрттæ кæцæй исы, уый. Аргъæутты тæваг ма аразынц сывæллæтты аивæдты скъолайы ахуыргæнджытæ дæр. Ам алы чысыл цæрæгæн дæр йæ бон у Митын Дадайы æххуысгæнæг суæвын. Æрмæст хъæуы хиуыл нæ ауæрдгæйæ кусын, зæрдиагæй архайын, алæмæты дунейы хи банкъарын æмæ афтæмæй ног азы лæвæрттæ сты цæттæ. Цы хъазæнтæ скодтой, уыдон сæ бон у сæхимæ ахæссын. Зæгъдзыстæм ма иу – Митын Дадайы æрмадзмæ бацæуæн ис лæвар, алы бон дæр 12-æй – 15 сахаты онг.




