09 января 2020, 12:49
Туристон маршрут «Легенды Эльбруса» цæуы Цæгат Кавказы федералон зылды цыппар республикæйыл
Уыимæ Цæгат Ирыстоны уылты дæр
Царды рацыди туристон маршрут «Легенды Эльбруса», цæуы Цæгат Кавказы федералон зылды цыппар республикæйыл, уыимæ Цæгат Ирыстоны уылты дæр. Йæ райдианы уал маршрут цæудзæни Кæсæг-Балхъарыл, Хъæрæсе-Черкесийыл, Цæгат Ирыстоныл æмæ Стъараполы крайыл. Ацы регионты иу кæны Европæйы æппæтæй уæлдæр бынат. Маршрут «Легенды Эльбруса» дæр схуыдтой, уый тыххæй. Проект «Горная Россия»-йы разамонæг куыд зæгъы, афтæмæй маршруты акцент лæвæрд цæуы туристты машинæты æрлæууæнтæм. Æнæхъæн дунейы у зындгонд автотуризм, фæлæ дзы хъыгагæн Цæгат Кавказы нæ пайда кодтой. Ацы аз фæнд кæнынц цалдæр регионалон маршруты сертификаци скæнын, се хсæн уыдзни «Легенды Эльбруса»дæр.




