20 января 2020, 12:30
Намысы аллеййы æрымысыдысты Уæрæсейы хъæбатыр Александр Стыцинайы рухс ном
УФ-йы æфсæддон тыхты булкъон архайдта Цæцæны фыццаг хæстон цауты
Дзæуджыхъæуы Намысы аллеййы æрымысыдысты Уæрæсейы хъæбатыр Александр Стыцинайы рухс ном. Дзæуджыхъæуккаг, УФ-йы æфсæддон тыхты булкъон архайдта Цæцæны фыццаг хæстон цауты. 1994-æм азы йæ сныйан кодтой 58-æм æфсады Цæгат Кавказы æфсæддон ззылды агурæн-сгарæн хайады хицауæй. Архайдта Первомайскæйы хъæу суæгъд кæныны дæр. Уым, амынæты уæвджытимæ бамбæхст Салман Радуевы фыдгæнджыты къорд дæр. 1996-æм азы 17-æм январы *хсæвы фдгæнджытимæ тохы Алесандр фæцис уæззау цæф, фæлæ уæддæр йæ тох нæ бауæрдта. Карз тох сыл куы бацайдагъ, уæд фæмарди йæ æртæ æмхæстонимæ. Александр Стыцинайы фæрцы ныппырх кодтой 70 фыдгæнæджы.
темæмæ гæсгæ




