филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:21 воскресенье, 29 сентября 2024
22 января 2020, 12:02
Нæ дарддæры æрмæг та у 30 азы лифты хæдзарады кусгæйæ сæрмагонд агъуысты чи фæцард æмæ дзы хи къонайы ад чи банкъардта ахæм сылгоймагыл

Ныр ын дзы цæрынæн бар нал ис.

Нæ дарддæры æрмæг та у 30 азы лифты хæдзарады кусгæйæ сæрмагонд агъуысты чи фæцард æмæ дзы хи къонайы ад чи банкъардта ахæм сылгоймагыл. Ныр ын дзы цæрынæн бар нал ис. Фæзынд ын æндæр хицау. Закъонмæ гæсгæ чи зоны раст у. Фæлæ 2-æм къæпхæны инвæлидæн, уыцы кары, цæуы  йыл  83 азы, зын у йæ цæрæнуат аивын. Уавæр равзарыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Моргуаты Ладæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Беккуызарты Олимпиадæ 30 азы цы фатеры фæцард, уымæн ныр йæ дуар у æнгом æхгæд. Сылгоймагæн йæ цæрæнуаты дæгъæлтæ байстой пъырыстъыфтæ. Тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ, 2-æм къæпхæны инвæлиды ратардтой йæ цæрæнуатæй.

Олимпиадæ цы агъуысты цард, уый у муниципалон лифтытæ цалцæгæнæн куыстуаты исбон. Раздæр дзы уыд диспетчерон пункт. Сылгоймаг дзы кусын райдыдта, куыддæр хæдзармæ фыццаг цæрджытæ балыгъдысты, афтæ. Семæ Олимпиадæ дæр ссардта йæхицæн цæрæнбынат, куыста лифтмæ цæстдарæгæй. 90-æм азты йæ лæггад нал хъуыд, фæлæ Олимпиадæйæн хæдзары цæрджытæй бар райсгæйæ, радтой бар дарддæр дæр сæрмагонд агъуысты цæрынæн.

2018-æм азы фатерты хицæуттæ сфæнд кодтой цæрджыты æмбалад саразын æмæ лифтыты хæдзарадмæ балæвæрдтой курдиат, цæмæй сын бар радтой агъуысты офис саразын.

Сылгоймаг цы агъуыстыл дзуры, уым  уавæртæ нæй. Йæ фæзуат дæр у гыццыл – 12 кв метры.  Санитарон нормæтæм гæсгæ дзы цæрæн нæй.

Беккуызарты Олимпиадæйæн иутæ йæ фарс хæцынц, иннæ цæрджытæ та зæгъынц, кæй йын ис цæрæнуат æмæ уым цæрæд. Уый та 25 квадратон метры иууатон фатер. Уым цæрынц Олимпиадæй фырт, йæ чызг æмæ уый сывæллонимæ.

Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй, цалынмæ Олимпиадæ Лифтыты хæдзарады агъуысты цард, уæдмæ нæ фыста коммуналон лæггæдтæн, сылгоймаг та фыст у æндæр фатеры, фæлæ йæ уым цæрын нæ фæнды.

Беккуызарты Олимпиадæйыл цæуы 83 азы, у 2-æм къæпхæны инвæлид. Йæ фарс чи хæцы, уыцы хъæппæрисджын къорд ацыд Дзæуджыхъæуы администрацимæ, фæлæ сын уым зæрдæ нырма ницæмæй бавæрдтой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania