филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:47 вторник, 30 апреля 2024
27 января 2020, 13:01
Битарты Вячеслав сæххæст кодта дзæуджыхъæуккаг 7-аздзыд чызг Перысаты Мияйы бæллиц

Йын балæвар кодта шпицы мыггаджы къæбылайы

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав сæххæст кодта дзæуджыхъæуккаг 7-аздзыд чызг Перысаты Мияйы бæллиц, æмæ йын балæвар кодта шпицы мыггаджы къæбылайы. Куыд загъта, афтæмæй йæ зæрдæ дары кæй бафидаудзысты æмæ кæй бахæлар уыдзысты, ууыл. Раарфæ кодта Перысаты бинонтæн се ппæтæн дæр. Æрыгон чызг дæр загъта зæрдиаг бузныг республикæйы разамонæгæн, ахæм æхсызгон лæвары тыххæй. Æмæ загъта, кæй архайдзæн иттæг хорз ахуыр кæныныл, æмæ йæ ныййарджыты зæрдæ рухс кæныныл. Мия куыд радзырдта, афтæмæй тынг уарзы цæрæгойты, æмæ ахæм къæбыламæ рагæй бæллыди. Æвæстиатæй йын æрхъуыды кодта ном — Ричи. Перысаты Мия у бирæсывæллонджын бинонты кæстæр. Ахуыр кæны Дзæуджыхъæуы скъолатæй иуы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania