филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:21 воскресенье, 29 сентября 2024
04 февраля 2020, 17:20
Йе нæнниздзинад хъыгдард кæмæн у, æмæ йæ къахыл чи нæ лæууы, уыцы адæмæн æххуыс

Мæздæджы цæрæг Виталий Томайы бинонтæн хорз зонгæ сты царды цæлхдуртæ, фæлæ уæддæр активонæй архайынц æхсæнадон царды, сты бархионтæ

Йе нæнниздзинад хъыгдард кæмæн у, æмæ йæ къахыл чи нæ лæууы, уыцы адæмæн æххуыс. Мæздæджы цæрæг Виталий Томайы бинонтæн хорз зонгæ сты царды цæлхдуртæ, фæлæ уæддæр активонæй архайынц æхсæнадон царды, сты бархионтæ. Æрæджы форум «Æнæ арæнтæй» куы уыд, уæд уым бахастой хъæппæрис,  æмæ бацæттæ кодтой проект «Социалон такси». Йæ фæлгæты ныр бинонтæн лæвæрд æрцыдысты машинæйы дæгъæлтæ.

Виталий æмæ Алинæ сæ цард баиу кодтой 5 азы размæ. Базонгæ сты социалон хызæгты. Куыд фæзæгъынц кæрдзийы æмбаргæйæ царынц, хъомыл кæнынц чызг Евæйы. Алинæйæн йæ æнæниздзинад у хъыгдæрд,  фæлæ иумæ цы фæнды цæлхдурты сæрты дæр хизынц. Уимæ сты бархионтæ, активонæй архайынц æхсæнадон царды. Фæлæ æмбæлынц цæлхдуртыл.

Форум «Æнæ арæнтæй» куы уыд, уæд уым Виталий фехъусын кодта инвæлид адæмæн æнæ машинæйæ куыд зын у, уый æмæ бацæттæ кодтой проект «Социалон такси». Сæ хъæппæрис разынц цымыдисаг. Проект царды рауадзынæн баххуыс кодта районы разамынд дæр æмæ цыбыр рæстæгмæ бæллиц сæххæст. Æрыгон бинонтæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты сæ æмцæдисонтæ, фонд «Быть добру»-йы разамынд æмæ районы сæргълæууæг Гугиты Генадий.Транспорты дæгъæлтæ   райсгæйæ Виталий раарфæ ацы хъуыддаг йæ къуыхы кæй фæрцы бафтыд, уыдонæн сеппæтæн дæр. Цардæмбалы цины æнкъарæнтæ Виталийæн сты æппæтæй зынаргъдæр. Уыцы бон ма бинонтæ архайдтой фонды бархионты æмбырды æмæ уым фехъуысын кодтой машинæ пайда кæй уыдзæн æппæт командæйæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania