филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:21 воскресенье, 29 сентября 2024
10 февраля 2020, 19:01
Ацы зымæг æппæты тынгдæр мит æруарыди ацы бонты

Коммуналон службæтæ дарддæр сыгъдæг кæнынц фæндæгтæ, пырх сыл кæнынц змис æмæ цæхх, æнæрлæугæйæ кусынц сæрмагонд машинæтæ

Ацы зымæг æппæты тынгдæр мит æруарыди ацы бонты. Коммуналон службæтæ дарддæр сыгъдæг кæнынц фæндæгтæ, пырх сыл кæнынц змис æмæ цæхх, æнæрлæугæйæ кусынц сæрмагонд машинæтæ. Компани «Спецэкосервис»-ы директор Козырты Рустамы ныхæстæм гæсгæ, Дзæуджыхъæуы æппæт муниципалон районты рад хæссынц специалисттæ. Сæ цæст дарынц фæндæгты уавæрмæ. Дзæуджыхъæуы уынгты уавæрæн æвдисæн уыди не сфæлдыстадон къорд дæр.

Сæрмагонд техникæйæ кусынæн æппæты хуыздæр у æхсæвыгон, уæд куыстыты аххосæй фæндæгтыл машинæтæ нæ фембырд кæнынц. Цæгат Ирыстоны ацы зымæг бирæ мит рауарыди зæгъæн ис, æмæ фыццаг хатт. Дзæуджыхъæуы мит сыгъдæг кæнынмæ ракодтой «Спецэкосервис»-ы æппæт техникæ. Æмбырд кæнынц мит, æмæ йæ калынц бордюртæм, уый фæстæ машинæты фæндаг бапырх кæнынц змис æмæ цæххы змæстæй.

Ахæм фæткы коммуналлон службæтæ фæкуыстой дыууæ суткæйы. Фыццаг уал ссыгъдæг кодтой, социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объекттæм бацæуæнтæ. Боныгон æфснайдтой æрлæууæнтæ, æмæ сæйраг фæндæгтæ.

Фæлæ бæрæггæнæнтæй се ппæт разы нæ уыдысты. Социалон хызты бирæтæ хъаст кодтой, фæндæгтæ тынг бырынцъаг кæй сты, æмæ фæндаггон фыдбылызтæ дæр арæх кæй уыди, уый тыххæй. Иннæтæ та сæрмагонд службæты куыстæн скодтой аккаг аргъ.

Нормæтæм гæсгæ, фæндæгтæ миты хъæпæнтæй ссыгъдæг кæнынæн хъæуы 6 сахатæй 12 сахаты онг. Уый æрмæстдæр, фæндæгтыл кусджытæн къуылымпыдзинæдтæ куы нæ уа,уæд. Хатгай фæтк хæлд æрцæуы. Бирæтæ йæ бæттынц, техникæ фаг кæй нæй, уыимæ. Специалисттæ та йæ кæнынц, фæрæзтæ кæй нæ фаг кæны, уый аххос.

Куыстытæ цæуынц нырмæ дæр. Ныртæккæ сыгъдæг кæнынц, къахвæндæгтæй цы мит ныссыгъдæг кодтой, уыцы миты обæуттæ. Цæхх æмæ змис пырх кæнынц къахвæндæгтыл, æфснайынц хидтæ. Бирæ уынгты машинæты фæндæгтыл мит ныридæгæн стади.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania