филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:19 воскресенье, 29 сентября 2024
11 февраля 2020, 12:28
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 75 азы юбилейон майдантæ кадджын уавæры радтой Æрæфы районы цæрджытæн

Кадджын хæрзиуæг райстой фронты фæсчъылдымы ветерантæ, стæй репресситы чи бахаудта, уыдоны сывæллæттæ — æдæппæтæй фынддæс адæймаджы

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 75 азы юбилейон майдантæ кадджын уавæры радтой Æрæфы районы цæрджытæн.

Кадджын хæрзиуæг райстой фронты фæсчъылдымы ветерантæ, стæй репресситы чи бахаудта, уыдоны сывæллæттæ — æдæппæтæй фынддæс адæймаджы. Раарфæ сын кодта районы сæргълæууæг Хидирты Батраз. Бузныг загъта алкæмæн дæр, йе вæрæны тыххæй Стыр Уæлахизмæ. Майдан дарынц риуы галиуварс, Уæлахизы 70 азы кадæн майданы фæстæ.

Мадзалы кæрон фронты фæсчъылдымы фæллойгæнæг Дедегкаты Хуысин азарыдис æфсæддон зарджытæ. Æрæфы районæй хæсты быдырмæ ацыдис æртæ мин адæймаджы онг. Уыдонæн сæ фылдæр нал сыздæхтысты. Абон ма Æрæфы районы баззад æрмæстдæр иу хæстон — Хæмцаты Хадзырет.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania