филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:19 суббота, 28 сентября 2024
12 февраля 2020, 12:28
Паддзахадон æххуысы фæрцы, фарон Цæгат Ирыстоны цæрæнуæттæй сифтонг кодтой 66 сидзæр сывæллоны

Фатертæ сын радтой Дзæуджыхъæуы, Мæздæджы, Рахизфарсы, Æрыдоны, Кировы, Горæтгæрон, Æрæфы æмæ Алагиры районты

Паддзахадон æххуысы фæрцы, фарон Цæгат Ирыстоны цæрæнуæттæй сифтонг кодтой 66 сидзæр сывæллоны, стæй æнæ ныййарджыты æххусæй чи хъомыл кæны, ахæм кæстæрты. Фатертæ сын радтой Дзæуджыхъæуы, Мæздæджы, Рахизфарсы, Æрыдоны, Кировы, Горæтгæрон, Æрæфы æмæ Алагиры районты. Уый тыххæй фехъусын кодтой сидзæр сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны ведомствоты хсæн къамисы æмбырды. Амыдта йæ вице-премьер Азымты Иринæ. Архайдтой дзы профилон министрадты æмæ ведомствоты минæвæрттæ. Фатертæ дæттыны хъуыддаг куыд æххæстгонд æрцыд, уый тыххæй радзырдта фæллойы æмæ социалон рæзты министры фыццаг хæдивæг Маматы Анджелæ. Куыд загъта, афтæмæй федералон æмæ республикон бюджеттæй радих кодтой 87 милуан сомы. Цæрæнуæттæй ифтонг кæныны хыгъды ма лæууы 1444 адæймаджы. Куыстытæ æххæстгонд цæуынц Федералон закъонмæ гæсгæ. Сидзæрты фатертæ хъуамæ дзуапп дæттой закъоны домæнтæн. Бæлвырддæр та – иумæйаг фæзуат 30 квадратон метры къаддæр хъуамæ ма уа. Уымæй дарддæр дзы хъуамæ уа æппæт æмбæлгæ коммуникацитæ. Арæх сидзæр сывæллæттæ юридикон фæзилæнтæ кæй нæ фæзонынц, æмæ, цæмæй сайды ма бахауой, уый тыххæй 5 азы дæргъы ног цæрæнуатæн бар нæй ауæй кæнынæн æмæ йæ арендæйы раттынæн дæр. Æмбырды ма снысан кодтой ацы азы фыццаградон хæстæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania